Дзæуджыхъæуы абон сарæзтой терроризмы ныхмæ æмбырд

Дзæуджыхъæуы абон сарæзтой терроризмы ныхмæ æмбырд. Архайдтой дзы 50 адæймагæй фылдæр. Се `хсæн — уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, æхсæнадон архайджытæ, психологтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Мадзалы райдиан, террористты къухæй чи фæмард, уыдоны номарынæн адæм иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Стæй сын равдыстой кинОныв тæккæ риссагдæр цаутимæ. Уымæй уæлдай ма бæлвырд æрдзырдтой экстремизмы, сывæллæттæн тыхми кæныныл æмæ ахæм цауты ныхмæ мадзæлттыл. Æмбырды архайджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддагыл дзурынæй тæрсын нæ хъæуы.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv