Доны фæстауæрц

Фæндыди сæ базонын, ныронг нымайæн прибортæ цал адæймаджы сæвæрдтой, куыд кусынц, адæм сæ разы сты æви нæ, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй 25 мин адæймагæй фылдæр донæн нымайæн прибормæ гæсгæ фидынц. Сæ фылдæр сæ пайдайаг техникон фæрæзыл нымайынц. Нымайæн приборты руаджы иуæй æхца дзæгъæлы нæ фидынц, иннæмæй та ма доныл дæр фæстауæрц кæнынц. Специалисттæ ма иу хатт æмбарын кæнынц, прибортæм гæсгæ фиддоны бæрц у 1 кубометрæн 17 сомы.

Æнæ уымæй та фидын бахъæуы дзæвгар фылдæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы азы 1 январæй фæстæмæ йæ тыхы бацыд коммуналон лæггæдты тарифты тыххæй Уæрæсейы хицауады ног уынаффæ. Йæ домæнтæм гæсгæ нымайæн прибор æвæрд куы нæ уа, уæд фиддоны бæрц дыууæ хатты фылдæр кæны.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv