Стыр комбæттæн

Æппæт дунейы Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр Комдарæны рӕстæг. Уырнæг адæм сæхи хизынц дзидза, æхсыры, айчы æмæ кæсаджы хæринæгтæй. Акомдзаг кæныны бар дзы уыдзæн æрмæст Сыгъдæг Мады Майрæмы Хорз Уацы бон — 7 апрелы æмæ Лазæры сабаты. Уыцы бæрæгбæтты рæстæг ком чи дары, уыдонæн бар уыдзæн еугæф хæрынæн. Комдарæны рæстæг фæлмæндæр домæнтæ ис сывæллæттæн, æнхъæлцаутæн æмæ йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн. Стыр Комдарæн нысан кæны уды сыгъдæгдзинад. Ахæм хуызы адæм хатыр курынц, бар-æнæбары цы æнæзæрдæмæдзæугæ митæ кодтой, уыдоны тыххæй. Алчи йæхи сыгъдæг кæны йæ тæригъæдтæй æмæ кувы, цæмæй сæ Хуыцау раст фæндагыл æвæра, уымæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv