Мадæлон æвзаджы бон

Ирон театры артисттæ дæр абон æрæмысыдысты, мадæлон авзаджы райрæзтмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдоны. Дидинджытимæ бабæрæг кодтой Намысы аллейæ æмæ Ирон аргъуаны кæрт. Ам ссардтой зындгонд поэтты, йæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ æмæ йе срæсугъд кæнынæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ. Куыд загътам, афтæмæй номарæн акци баст уыд мадæлон æвзаджы бонимæ. Алкæмæн дæр йе `взаг у адджын æмæ зынаргъ. Цæмæй ма фесæфа, уый тыххæй йыл алчидæр хъуамæ архайа дзурыныл. Раст мæнæ Ирон театры актерты хуызæн. Акцийы рæстæг зæрдæбынæй бакастысты æмдзæвгæтæ. Радзырдтой сæ мысинæгтæ. Кадджын мадзал ма баст æрцыд Беккуызарты Орзетайы гуырæн бонимæ. Хъарм ныхæстæй йæ мысыдысты йе `мкусджытæ æмæ хæлæрттæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv