Ног культурæйы галуан

Цæгат Ирыстоны дарддæр кусынц дард районты цæрджыты уæгъд рæстæг барæсугъд кæныныл. Ацы хатт та ног культурæйы галуан байгом Комсомольскийы хъæуы. Кадджын мадзалы архайдтой хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, культурæйы министр Мильдзыхты Руслан æмæ районы хицауад.

Бæстыхай арæзт æрцыд 80 азы размæ. Уæдæй нырмæ бындуронæй цалцæггонд нæма ‘рцыд. Хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ сфæлдыстадон секциты архайдтой тынг æвзæр уавæрты. Бадæн бынæттæ раджы ныззæронд сты, уарыны рæстæг та-иу бæстыхай доны бын фæци. Галуан цалцæггонд æрцыд федералон программæмæ гæсгæ. Ныр залы ис 150 бадæн бынаты. Уымæй уæлдай ма галуаны сарæзтой уæлæмхасæн уæттæ дæр. Уыдон сты сфæлдыстадон коллективтæн æмæ тренажертæн. Раст зæгъгæйæ, нырма дзы зæронд ифтонгарз сæвæрдтой.

Фæлæ Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы хъæуы фæсивæдæн балхæндзысты ног тренажертæ дæр.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv