Цыппæркъахыг «уазджытæ»

Æрбарвыста нæм æй Дзæуджыхъæуы цæрæг Джыккайты Алан. Абон райсомæй куы райхъал æмæ уынгмæ куы ракаст, уæд, æвæццæгæн, йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Йæ хæдзары акомкоммæ ауыдта, диссаг куыннæ у, фæлæ раст бæхрæгъау. Цæрæгойтæ æнæмæтæй хызтысты, сæ цæст-иу цы кæрдæджы муртыл æрхæцыд, уыдоныл. Фæндагæй сæм шофыртæ, чи дисгæнгæ, чи хæлиудзыхæй каст, адон кæцæй раирвæзтысты, зæгъгæ. Бæхтæ Дзæуджыхъæуы цæгат-ныгуылæн хайы, БАМ кæй хонæм, уым фæзындысты. Амы цæрджытæ та къоготыл тынгдæр ахуыр сты. Уæвгæ, уыдонæн сæ рад нæма `рхæццæ — сæрды фæзындзысты. Æвæццæгæн, бæхтæ дæр уый хорз зонынц, æндæр сæ хурхæтæны ардæм иу дæр йæ ныфс ничи `рбахастаид чысыл тугцъирты аххосæй. Адæмыл чи нæ ауæрды, уый йæ бырынкъ бæхы рагъы дæр ныссаддзæн.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv