Ушу — спорты рæзгæ хуыз

Цæгат Ирыстоны алкæддæр се ргом здæхтой спортмæ. Ушуйы спорты хуыз адæймагæн цы удæнцой хæссы, уый бирæтæ нæ зонынц. Ахъаззаг у йæ рæзтæн æмæ йæ этикон ахастдзинæдтæн. Куыд рæзы ацы спорт æмæ сæм цы æнтыстдзинæдтæ ис, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.

Æрыгон адæймаджы туджы алкæддæр змæлын ис. Гæбуты Георгийы спортивон техникæ ахæм хорз уæмæ дзы ныр æхгæд цæстытæй пайда кæны. Спортæй 15 азы архайы. Тренировкæтæм алкæддæр цæттæ у. Уæгъд рæстæг та æрвиты ахуыр æмæ кусгæйæ. Уæвгæ йæ куыст дæр ушу-имæ баст. Кæд ыл 19 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр ныры онг у Хусар Федералон зылды чемпион. Рæзгæ фæлтæрæн та дæнцæг.

Георгий Габуев, спорты мастертæм кандидат ушуйæ: «Мæ ныййарджытæ мæ æрбакодтой, 4 азы мыл куы цыд, уæд. Фыццаг 2 азы цы кодтон, уый хорз дæр не мбæрстон. Фæндыд йæ спорты ацы хуыз ныууадзын æмæ футболæй хъазын райдайын. Фæлæ мæ тренер Бырнацты Маркы фæрцы æрлæууыдтæн. Æмæ йын уый тыххæй тынг бузныг дæн. Ушу сси мæ цард».

Дзалаты Эльбрусы царды дæр ушу цы бынат ахсы, уый йæ бон абарын дæр ницæимæ у. 4-азыдзыд лæллуйæ æрбацыд спортмæ æмæ йыл йæ зæрдæ нал сивта. Ерыстæм рагæй цæуы, уæлахиздзау та æрæджы сси. Хæцыд юниорты хсæн.

Ушу — Китайы у традицион хæстон аивад. Йæ бындуры философон æмæ этикон ахастдзинæдтæ, адæймаджы рæзт. Китайаг æвзагæй тæлмацгæнгæйæ, кæд «Ушу» нысан кæны «æфсæддон хæст», уæддæр тренировкæты ничи никæимæ хæцы. Æрмæстдæр хуыздæр уæвынмæ тырнындзинад. Ацы мæйы 5 спортсмены ацыдысты Хуссар федералон зылды ерыстæм. Алчидæр дæр сæ рамбылдта хæрзиуæг. Сæ тренер Бырнацты Маркы ныхæстæм гæсгæ, спорты ацы хуыз алывæрсыг у. Архайæн дзы ис 4 азæй фæстæмæ.

Бырнацты Марк, дунейы 2 хатты чемпион ушуйæ: «Куыд спортивон база- ацы спорты хуыз иттæг хорз у. Фыццаг райдайæм гимнастикæйæ, стæй акробатикæ æмæ æнæмæнг дисциплинæтæ. Æнæ уый, никуыдæм».

Абон республикæйы ушуйæ архайынæн ис 2 залы. Цæуынц сæм 250 адæймаджы. Æххуыс та сæм никæцæй цæуы. Республикæйы спорты ацы хуыз нырма аууоны лæууы. Фæсивæды хсæн дæр парахат нæу. Фæлæ спорстментæ сæ ныфс дарынц хуыздæрмæ ивддзинæдтыл. Æппæтадæмон федераци дæр кусы цæмæй ушу бахæссой Олимпаг хъæзтыты программæмæ. Уæдмæ та уал сæхи цæттæ кæнынц 2024 азы Парижы ерыстæм. Тох кæндзысты сыгъзæрин майдан рамбулыныл. Хæстæгдæр рæстæг та, мартъийы, ацæудзысты Уæрæсейы чемпионатмæ.

Пелиты Сабинæ_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv