Стыр Комдарæн райдыдта

Æппæт чырыстæттæн дæр райдыдта Стыр комдарæны рæстæг. Уый у се `ппæтæй карздæр æмæ дæргъвæтиндæр. Уырнæг адæм сæ хъуыдытæ, буар æмæ уд ссыгъдæг кæныныл фæархайынц. Афтæмæй сæмбæлынц Рухс Куадзæны бæрæгбоныл. Алайнаг моладзандоны дæр ацы бонтæ, куыд æмбæлы, афтæ арвитыныл уæлдай тынг бацархайынц. Фыййагдоны сæ фарсмæ балæууыд не ‘сфæлдыстадон къорд дæр. Раттæм сын ныхасы бар.

Нæлгоймæгты алайнаг моладзандонæн сæ бон æхсæвыцъæхæй райдайы. Стыр комдарæн та сын уæлдай кадджын рæстæг у. Суанг ма уæлдæфы ахастæй дæр бæрæг фæдары. Ацы бонты моладзандон байдзаг вæййы æвæлмæсты æнкъарæнтæй æмæ аргъуыдтæй. Уæдæ боны фæтк дæр ацы рæстæг куыд æмбæлы, афтæ вæййы.

Стыр комдарæны фыццаг 40 боны уырыссагау хонынц «Четыредесятница». Адæм æй хъуамæ æмбарой, комдарæн хи смæллæг кæныны хос кæй нæу, уый. Æппæт хæринæгтæ хæрæн кæй нæ вæййы, уый адæймагæн æххуыс кæны йæ мондæгтыл фæтых уæвынæн. Мидварны æмæ æнкъарæнты сыгъдæгдзинадмæ хъуамæ тырна алы комдарæг дæр. Уыцы фæндаг æнцон никæд вæййы. Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны разамонæг Игумен Стефаны ныхæстæм гæсгæ, комдарæны бацархайынц, кувыны рæстæг коммæгæсдзинад уæлдай хуыздæр æмбаргæйæ куыд ацæуа, ууыл. Ацы бонты сæм 6 сахатыл райдайы фыццаг аргъуыд. Уый ахæссы боны 12 сахатмæ. Дыккаг аргъуыд та райдайы изæры 5 сахатыл. Боны дæргъы ма фæкæсынц ноджыдæр сæ фосмæ. Сæ бæстыхай дæр чысыл нæу. Бирæ змæлд дзы ис.


Уырнæг адæмы ныхæстæм гæсгæ, комдарæны рæстæг æнкъарæнтæ уæлдай тыхджын вæййынц. Уымæ гæсгæ аиппытимæ тох кæнын дæр зын вæййы. Комдарæны фæстаг къуыри та хуыйны «Страстная седмица». Ацы бонтæ сты æппæты карздæр. Комдарджытæ тынгдæр ацы къуыримæ фенхъæлмæ кæсынц. Уый фæстæ та æрлæууы Чырыстийы рухс райгасы бон. Ацы бæрæгбоныл, фæзæгъынц, адæм æндæрхуызонæй сæмбæлынц. Кæд бирæ зындзинад æмæ цухдзинæдтæн бабыхсынц комдарæны `мгъуыдмæ, уæддæр сæм бæрæгбоны рæстæг стыр тыхтæ кæцæйдæр разынынц. Стыр æхсызгондзинад сыл, цыма, æрцæуы, уыйау сæмбæлынц Куадзæныл.


Биджелты Бертæ
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv