Уæрæсейы инвестицион форум байгом Сочийы. Ацы аз дзы архайынц бизнесы 2 мин минæварæй фылдæр, се хсæн фæсарæйнаг компанитæ дæр – Испани, Америкæйæ, Австрийæ, Японийæ, Францийæ æмæ Турцийæ. Æдæппæтæй 65 бæстæйæ. Форумы сæйраг темæ уыд нæ фидæны сурæт саразын. Программæйы уыд æртæ сæйраг хайы: регионалон политикæ æмæ бизнес, стæй царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны фарстатæ. Форумы фыст цæуынц æмгуыстады бадзырдтæ дæр.
Цæгат Ирыстон, цыма, Сочимæ йæ рæсугъд æрдзы хай æрбаласта, уыййау у нæ республикæйы равдыст форумы. Мадзалы сæйраг хæс та – инвестортæ ссарын. Фылдæр цæстдард здæхт у раззагдæр æмæ хуыздæр проекттæм. Цæгат Ирыстон цыл куыста цалдæр мæйы. Уыдон аразгæйæ кастысты социалон-æкономикон рæзты стратегимæ. Æрмæстдæр афтæ ис фадат инвестортæ нæ регионмæ æрбаздахын. Экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, нæ ног проекттæ аразын нæ хъæуы. Бирæтæ дзы — куыд паддзахадон, афтæ хибартæ дæр – ныридæгæн кусынц.
«Нæ проекттæ сты алыхуызон къабæзтæй: аграрон, хæринагкæнæн, медицино æмæ æндæр сектортæй. Æппæты вазыгджындæр у уый, æмæ ацы аз форуммæ æрбаластам фылдæр кæуыл бакуыстам, æмæ инвестортæ сæ цæст фылдæр кæмæ дарынц, уыцы проекттæ. Ис дзы ахæмтæ, ныридæгæн иннвестортæ кæцытыл кусынц – кæнæ сæхæдæг хибарæй, кæнæ паддзахады æххуысимæ», – РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег загъта.
Логистикон центр саразаыны кой ацы форумы фыццаг хатт нæ цæуы. Йæ сарæзт хъæздыгдæр кæндзæн бюджет æмæ стыр пайда хæсдзæн. Проект арæзт у цалдæр хайæ: цы дзаума нæм ласт цæуы, уый бабиноныг кæнын æмæ æмбæлгæ рæтты æфснайын. Уымæй уалдай ма машинæты парктæ, промышленнон, полимерон æмæ æдтаг цъæртты тухыны куыстадтæ. Ирыстонæн йæ географион бынат дæр хорз у ацы проектæн. Форумы ахсджиагдæр темæты æхсæн ма – кæсæгты хæдзарадтæ дæр. Инвесторты размæ рахастой 14 фермæйы, кæцытимæ ис куыст саразæн. Премьер Дмитрий Медведев дæр æркаст Уæрæсейы регионты фæрæзтæм. Нæ фидæныл бакусыны тыххæй уый æрдзырдта пленарон æмбырды субъектты сæргълæуджытимæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, инвестицион форум у хорз фадат, регионты потенциал раргом кæнынæн.
«Нæ зæрдæ дарæм ууыл, æмæ бадзырд бафыссыны фæстæ нæ тыхтæ баиу кæндзыстæм æмæ æмгуыст кæндзыстæм, зæгъæм, культурон коллективты кæрæдзимæ æрвитгæйæ — Ирыстон æмæ Карелийы ’хсæн; стæй ма, уæлдайдæр, бацархайдзыстæм экономикон проекттæ иумæ саразыныл», – загъы РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Форум ма æххуыс у æдтагон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн дæр. Цæгат Ирыстон ныридæгæн бафыста цалдæр бадзырды. Уыдон сты Уæрæсейы Сбербанкимæ æмæ Ростелекомимæ æмгуыстады тыххæй. Уæлдай вазыгджын та ма у нæ республикæйæн Карелийымæ дывæрсон бадзырды бафыст. Дыууæ регионæн дæр гом кæны ног фадæттæ рæзынæн.
«Ныртæккæ зæрдæргъæвдæй кусæм Цæгат Кавказы æппæт республикæтимæ, семæ Цæгат Ирыстон дæр. Мæнмæ гæсгæ дыууæ регионы хсæн æмгуыстад саразынæн ис бирæ фадæттæ. Фыццаджыдæр экономикæйы къабазы. Уæдæ кæрæдзийæн нæ бон у баххуыс кæнын, туристон къабазы дæр фæлтæрддзинад фæуæрæхдæр кæнынæн. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстонæн, Цæгат Кавказæн æмæ Карелийæн дæр туристон къабаз у æкономикæйы рæзтæн тынг вазыгджын. Дарддæр дæр ма нæм стыр пълантæ ис хæринагкæнæн къабазы æмгуыстад дæр саразынæн», – республикæ Карелийы сæргълæууæг Артур Парфёнчиков загъта.
Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейаг министрады иумæйаг стендыл ис Ирыстойнаг куыстуæтты продукци дæр. Нæ республикæ равдыста ирон чъиритæ, хъæууон-хæдзарадон продукттæ, дæттæ æмæ адæмон аивадон къабазы конд дзауматæ. Райсом дæр форум йæ куыст кæндзæн дарддæр. Пъланмæ гæсгæ ма ацæудзæн цалдæр куыстадон æмбырды.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv