Раздзоджы уарзон фæндырдзæгъдæг

Ирон адæмы `хсæн ахæм ныхас баззад, зæгъгæ, ахуд æмæ фылдæр фæцæрай. Уый зоны Раздзоджы цæрæг Сокаты Дибæхан. Йæхæдæг дæр хъæлдзæг адæймаг у, фæлæ йæ гыццылæй фæндыр æгæрон уарзт кæны. Йæ курдиатæй та цин æмæ хъæлдзæгдзинад хæссы йе мхъæуккæгтæн.
Йæ фæндырдзагъдмæ-иу кæддæриддæр бирæ адæм сæмбырд.

Фæндыр куыд тынг уарзы, уый зонгæйæ ацæргæ сылгоймаджы номæй хъæуы культурæйы хæдзары хицау Сокаты Людмилæ арвыста курдиат фæндырдзæгъдджыты телевизион конкурсмæ. Сарæзта йæ нæ телекомпани. Хъыгагæн, сылгоймагæн конкурсмæ ссæуын йæ бон нæ баци. Фæлæ национ телекомпанийы æрыгон æмæ æнæзивæг фæсивæд сæхæдæг абалц кодтой Раздзогмæ. Фембæлдысты конкурсы æппæтæй карджындæр архайæгимæ. Сокаты Дибæханыл 88 азы цæуы. Йæ мад æй гыццыл сывæллонæй куыд сахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ фæндырыл цæгъды. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ ерыс кæнын нæ фæнды, уæлдайдæр æрыгæттимæ.

Фæлæ йæ зæрды ис рагон мелодитæ ацæгъдын. Цæмæй сæ кæстæртæ дæр зоной æмæ бауарзой, уый тыххæй.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv