Проект «Бережливая поликлиникæйы»

Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад хъусын кæны, сывæллæтты рынчындæттæм бæстонæй кæй базилдзысты, уый. Уавæр хъуамæ хуыздæрырдæм фæзына Ирыстоны поликлиникæтыл дæр. Бæстыхæйттæ бæстонæй рацараздзысты. Модернизаци ахæсдзæн æртæ азы, цалцæггæнæн куыстытæ цæудзысты проект «Бережливая поликлиникæйы» фæлгæты.Алы аз дæр уыцы хъуыддагæн федералон бюджетæй Уæрæсейы субъекттæн дих кæндзысты фæйнæ 10 милуан сомы. Регионтæ дæр се `вæрæн бахæсдзысты. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, федералон проект Цæгат Ирыстоны æххæст кæнын райдыдтой ивгъуыд азы апрелы мæй. Фæлварæны хуызы уал нæ республикæйы дыууæ поликлиникæйы проект кусын райдыдта. Уæлдайдæр, ног кусæнгæрзтæй цы хайадтæ сифтонг хъæуы, уыдон. Рынчынтæн фадат фæцис дохтырмæ, интернеты цы Иумæйаг паддзахадон лæггæдты номыр ис, уымæ бадзургæйæ. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады ныхæстæм гæсгæ фæлварæн проект «Бережливая поликлиника» дарддæр дæр æххæстгонд цæудзæн республикæйы рынчындæтты.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv