Ног уынаффæгæнджытæ
Нырæй фæстæмæ хъæуты рæзтыл кусдзæн сæрмагонд æхсæнадон организаци. Цæгат Ирыстоны байгом «Хъæуслвет»-ы регионалон хайад. Ныр хъæуты цæрджытæй алкæй бон дæр у æрбацæуын æмæ йæ хъаст ракæнын, йæ фиппаинæгтæ æмæ фæндонтæ фехъусын кæнын.
Организацийы уæнтæ сæ фæхæццæ кæндзысты хицауадмæ æмæ бæрнон кусджытæм, архайдзысты хъæндзинæдтæ аиуварс кæныныл. Регионалон хайады разамонæг Хъаныхъуаты Анатолий куыд зæгъы, афтæмæй кусдзысты алывæрсыг фарстатимæ.Æхсæнадон организацийы фыццаг æмбырды бæстон æрдзырдтой æрдзхъахъхъæнынады фарстатыл æмæ зæххы куыстытимæ. Йæ уæнгты хъуыдымæ гæсгæ «Электроцинк» стыр знаггад хæссы зæххы уæлцъарæн. Уый зонгæйæй, рахастой уынаффæ — саразын заводы хауæццæгтæ æрдзæн æмæ адæмы æнæниздзинадæн цас зиан хæссынц, уый бæрæггæнæг къамис.
Фембæлды ма архайдтой Беслæны маисон комбинаты бирæ азтæн мызд кæмæн нæ бафыстой, уыцы кусджытæй. Ракурдтой цæмæй сын фарста хицауадмæ фæхæццæ кæной.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv