Медицинон фæдзæхстады ног гæнæнтæ

Цæгат Ирыстоны медицинон уагдæттæ 70 милуан сомæй фылдæр фæстауæрц кæндзысты. Уыцы фадат сын радта ног программæ æнæмæнг медицинон фæдзæхстадмæ гæсгæ.

Цы амоны, уый тыххæй абон Битарты Вячеславæн фехъусын кодта республикæйы территориалон фонды директор Дзлиаты Хъазыбег. Ног программæйы руаджы медицинон куыстуæтты рæдыдтытæ хъуамæ фæкъаддæр уой. Ахæм системæйæ ныридæгæн пайда кæнынц Липецкы. Уымæй уæлдай ма Битары-фырт æмæ Дзлиаты Хъазыбег ныхас кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмгуыстады тыххæй дæр.

Фæдзæхстады бадзырд фыст куы æрцæуа, уæд Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг граждæнтæн дæр сæ бон уыдзæн нæ бæстæйы медицинон æххуыс исын.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv