Карантин скъолаты

Скъолаты æмæ рæвдауæндæтты карантин ахæсдзæн 26-æм февралмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы ахуырады министрады. Ахæм уынаффæ рахаста фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг оргæн. Куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй скъоладзаутæн сæ 20% фылдæр ахуырмæ нæ цыд.

14 февралæй абоны онг та республикæйы дзæбæхгæнæндæттæм æххуысмæ бахатыд 3 мин адæймагæй фылдæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæцы тыххæй бахъуыд карантин расидын. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Низ цæмæй дарддæр ма парахат кæна, уымæн аразынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ дæр.

Скъоладзаутæ ахуырмæ рацæудзысты 27-æм февралы. Карантин ахуыры фæткмæ стыр къуылымпыдзинæдтæ нæ бахаста.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv