Фыранк бахъахъхъæнынæн мадзæлттæ

Кавказаг фыранк бахъахъхъæныны мадзæлттыл æрдзырдтой «РусГидро»-йы æмбырды. Гидроэлектростанцæ эволюцийы æмæ экологийы институтимæ иумæ 2016-æм азы бацæттæ кодтой сæрмагонд проект. Уæд Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ссардтой кавказаг фыранчы фæдтæ. Ныртæккæ цæуынц бæлвырдгæнæн мадзæлттæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй кавказаг фыранкæн нæ республикæйы цæрынæн хорз уавæртæ ис.

Проекты фæлгæты скъолаты аразынц уроктæ, цæмæй фæсивæд сырды миниуджытæ, йæ хицæндзинæдтæ æмæ æрдзæн цы пайда у, уый хуыздæр зоной. Æмбырды ма дзырдтой иннæ мадзæлттыл дæр. Зæгъæм, æрæджы фыранчы бонмæ цы Эко-фестиваль сарæзтой, ууыл.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv