Дуртимæ ныхас

Едзиты Сослæнбег у хæдахуыр скульптор æмæ нывгæнæг. Кусæг бинонты фырт йе сфæлдыстады равдыста адæмы миддуне. Æрдз æмæ адæймаг та йæ куыстыты æнгом баст сты. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр йæ курдиат æрдзæй рахаста. Цард куыд уыдта æмæ йæ куыд æнкъардта, афтæ йæ æвдыста дуры мидæг дæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv