Доны тых

Зæрæмæджы фыццаг гидроэлектростанцæ скусдзæн ацы азы кæрон. Уый рабæрæг абон Битарты Вячеслав æмæ Русгидройы генералон директор Николай Шульгиновы куыстадон балцы рæстæг Алагиры районмæ. Станцæ аразын райдыдтой 30 азы размæ. Цымæ цавæр уавæры сты арæзтадон куыстытæ ныр æмæ цы пайда рхæсдзæн нæ республикæйæн гидроэлектростанцæ? Бæлвырдтæрæй на уацхæсджыты æрмæджы.

 Зæрæмæджы фыццаг гидроэлектростанцæйы сæйраг хæйттæй иу у суткæйы дæргъы чи кусы, ахæм донуат. Уый у дон кæм æмбырд кæндзæн, ахæм бетонæй арæзт стыр бæрцуат хохы цъуппыл. Уырдыгæй дарддæр кæлдзæн турбинæмæ. Æмбал кæмæн нæй ахæм технологиты руаджы туннелы цæугæйæ дон станцæ æнæфенкъуысгæ кусын дæр, æмæ хуыссын дæр кæндзæн. Арæзтадон куыстытæ кæнгæйæ та, фылдæр цæстдард цæуы станцæмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдоны æдасдзинадмæ.

Сейчас ведутся работы по устройству защитного лотка, будет делаться дополнительная работа по расширению дороги. То есть в случае, если у нас будет идти паводок, или будет вода скидываться по аварийному водосбросу, или там не дай Бог пойдет какая-то сель с этого района, то лоток рассчитан под то, что любой объем, который будет идти, он сделан достаточно большим и высоким, то есть по нему, гася скорость, вся эта вода или сель плавно уйдет в русло реки

Арæзтадон куыстытæ станцæйы цæуынц æхсæвæй-бонæй. Фæллой дзы кæнынц 1200 адæймагæй фылдæр. Гидроэлектростанцæ арæзт цæуы хæххон уавæрты. Ам ис Уæрæсейы æппæтæй даргъдæр гидротехникон туннель. У мин æмæ æрдæг метрмæ хæстæг. Уæдæ Уæрæсейы гидроэлектростанцæтитæ абаргæйæ доны æлхъывдады тых у æппæты тыхджындæр — 600 метрæй фылдæр.

Николай ШульгинОв — генеральный директор ПАО «РусГидро» «Абон мах уынæм, куыстытæ æнæрлæугæ кæй цæуынц æхсæвæй бонæй. Хъавæм сæ фæфылдæр кæнын, ома дыккаг кусæн сменæ сараздзыстæм. Уымæн æмæ не ‘мгъуыд у азы кæронмæ. Ахæм хæс райстам нæхимæ, æмæ йæ скæнын хъæуы.»

Зæрæмæджы фыццаг гидроэлектростанцæйы арæзтад у æппæты стырдæр инвестицион проект Цæгат Ирыстоны. Ам сæвæрдзысты нæ бæстæйы æппæты стырдæр куысийы хуызæн турбинæтæ. Уымæй уæлдай ма электрон тыхы дефицит нæ республикæйы 80%-æй æрхаудзæн 30%-мæ.

Гидроэлектростанцæ аразынц ныр 30 азы. Фæлæ æппæты стырдæр æмæ важыгджындæр куыстытæ райдыдтой 2005-æмы. Станцæ кусын куы райдайа, уæд нæ республикæйы бюджетмæ фиддонтæ хаудзæн 1 миллиард сомы. Уыцы рæстæгмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы.



Биджелты Бертæ
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv