Боксæй ерыстæ

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ боксæй. Спортсментæ сæ тых æвзæрстой 5 боны дæргъы,уыдонæй финалмæ рахызтысты 10 ирон богалы. Уыдонæй уæлахидзаутæ алыхуызон уæзты систы Золойты Станислав,Алихан Куразон æмæ Дзугаты Вадим. Ерыстæм лæмбынæг каст IBF æмæ WBA -йы нымадмæ гæсгæ дунеон чемпион боксæй уæззау уæзы Гасситы Мурат. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, ахæм ерыстæ ирон бокс фæстæмæ æмбæлгæ бынат слæууын кæндзысты. Ацы æмвæзадыл ерыстæ Цæгат Ирыстоны ацыдысты цыппæрæм хатт. Ацы хатт ацыдысты спортивон комплекс «Динамо»-йы. Архадтой дзы Цæгат Кавказы регионтæй 13-14- аздзыд лæппутæ .

Ирон боксы хуыздæррдæм ивддзинæдтæ цæуы.Раздæр ирон боксертæ Уæрæсейы æмæ дунейы нымад уыдысты хуыздæртыл.Зæрдæ дарын,афтæ уыдзæн дарддæр дæр.Æз мæхæдæг дæр ахæм ерыстæй райдыдтон.Сты тын вазыгджын,Фæлтæрддзинад уæлдæр кæнынц.Уырны мæ фидæжны сæ рауайдзæн чемпионтæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv