Алагиры баивинаг сты дондзæуæн хызтæ

Алагиры дондзæуæн хызтæн нал бæззы сæ 90%. Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодтой куыстадон балцы рæстæг.

Районы сæргълæууæг Бутаты Арсены ныхæстæм гæсгæ сæ коммуналон хæдзарады кусджытæ æппынæдзухдæр æмпъузгæ кæнынц. Районмæ суткæмæ цæуы 57 мин кубометры дон. Уый, цас æмбæлы, уымæй у 4-5 хаты фылдæр. Фæлæ цæрджытæ хъаст кæнынц, дон дзы фаг кæй нæй, уымæй. Адæм сæ курдиæттæ æрвитынц республикæйы хицауадмæ дæр. Уавæр хорзырдæм аивæн ис доны хызтæ бындуронæй баивыны фæрцы. Уымæн та хъæуы рæстæг æмæ фæрæзтæ. Рагагъоммæйы нымадмæ гæсгæ дзы ног хæтæлтæ сæвæрын хъæуы Алагиры 13 уынджы. Уый та 18 киломметры у. Ахæм куыстытæ ма бакæнинаг сты районы авд хъæуы. Æмбырды æрныхас кодтой дондзæуæн схемæ баивыныл дæр. Документ базæронд ис, æмæ дзы цы куыстытæ кодтой, уыдон се ппæт раст нысангонд не рцыдысты.

Уыцы хъуыддаг сраст кæндзысты специалисттæ. Хъуамæ дондзæуæн хызтæ сбæрæг кæной, æмæ дон хардзгонд цас цæуы, уый ногæй банымайой. Нæ республикæйы разамонæг ма куыд загъта, афтæмæй цæстдард хъуамæ уа доны хæрзхъæддзинадмæ дæр.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv