Дæ мад æмæ дæ фыд дæ цы æвзагыл хъомыл кæнынц, де мхуызон адæмимæ цы взагыл сдзырдтай, уыцы æвзаг æндæрыл баивын тыхми у. Абон æппæт дунейы адæмыхæттытæ бæрæг кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бон. Ирон æвзаг та у нæ хæзна æмæ йæ канд бахъахъхъæнын, нæ фæлæ йæ райрæзтыл архайын. Куыд ацыд Ирыстоны бæрæгбон æмæ йæ истори нæ уацхæммæджы æрмæджы.
1952 азы 21 февралы Даккæйы пъæлиццæйæгты къухтæй фæмардысты сæ мадæлон, бенгАли æвзаг бахъахъхæнын кæй фæндыд, уыдон. Уый зæрдыл даргæйæ æмæ хъуыдыгæнгæйæ, 2000 азы 21 февралæй ЮНЕСКО-йы Генералон конференци сфидар кодта мадæлон æвзаджы æппæтадунеон бон. Уæдæй фæстæмæ йæ алы бæстæты бæрæг кæнынц алы бæстæты. Уыимæ Цæгат Ирыстоны дæр.
Хозиты Барис, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан : «Мадæлон æвзаджы бæрæгбон кæй скодтой. Ирон адæм цалдæр мин азы хастой армы тъæпæны сæ мадæлон æвзагабоны дугмæ,21 æнусмæ æмæ хуымæтæджы хъуыддаг нæу.Нæ фыдæлтæн мах хъуамæ аргъ кæнæм цы нæ нын нæ рхастой уый тыххæй нæ,фæлæ нын цы рхастой,уый тыххæй».
Дæ мад дæ цы взагыл хъомыл кодта, дæ алыварс адæмимæ цы *взагыл дзурыс — уый æндæрæй æвзагæй баивын тыхми у. Дæ мадæлон æвзагыл цы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ базыдтаай, цы æгъдæуттыл схомыл дæ, уыдонæн ферох кæнæн нæй. Уыдон зæрдыл дардæгæйæ, æвзагимæ баст традицитæ æххæстгонд цæудзысты дæрддæр, æвзаг цæрдзæн сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ.
Къораты Жаннæ: «Мадæлон æвзаджы бæрæгбон,уый мæнмæ гæсгæ тынг хорз хъуыддаг у,уымæн æмæ алы адæмыхатты минæвар дæр хъуамæ зона йæхи мадæлон æвзаг,уый фæстæ та æндæр æвзæгтæ дæр.Æмæ мæнмæ гæсгæ,кæд ирон адæмы тыххæй дзурæм уæд,абон фылдæр се`ргом здахынц сæ мадæлон æвзагмæ,æмæ афтæ дарддæр дæр куы уа,уæд нæ фидæн хуыздæр уыдзæн».
Цалынмæ æвзаг цæры, уæдмæ аджмы хатт дæр æнæмæлгæ у. Ис байсæн зæххытæ, паддзахадон æмæ культурон хæзнатæ, фæлæ адæмæн сæ бон æвзаг бахъахъхъæнын куы уа, уæд сын тас ницæмæй у. Уыимæ ацы бæрæгбонæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг — мадæлон æвзагмæу уарзондзинад гуырын æмæ йæ фидардæр кæнын.
Касаты Аслан, газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг: «Ирыстоны мадæлон æвзаджы æппæтуæрæсеон бон кæй у,уый мæнæн у тынг æхсызгон,уымæн æмæ йæ æз нымайын куыд адæмы æвзæгты иугæнæг бæрæгбон.Абон та цы бæрæгбон бæрæг кæнæм,уый у алы æвзæгты дæр.Æмæ абон иу æмвæзад стæм».
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ 15 майы бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Фæлæ мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон дæр æхсызгон бæрæгбоныл нымайынц. Радон хатт адæмæн саразынц цымыдисаг мадзæлттæ, фембæлдтытæ, равдыстытæ. Радзурынц æвзаджы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинадыл. Сæйрагдæр та цы ахадындзинадыл ын ис, ууыл.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv